Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты рейсыл регистрацийы хи ауадзын бæлццæттæн хæдбарæй уыдзæн сæ бон
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты абалц кæныны залы хирегистрацийы киосктæ (Self-Check in Kiosks) сæвæрдтой. Уый фæдыл информаци «Тав Джорджиа» хъусын кæны.
Афтæма сæ информацийæ, дунейы номдзыд фрацаг бренды EASIER-ы киосктæ бæлцæттæн дæттынц фадат, абалц кæныны онг цалдæр сахатæй раздæр, хæдбарæй ауадзой сæхи регистрацийы рейсыл, сывзарой бынат æмæ смыхуыр кæной хæдтæхæджы сбадынæн хъæугæ талон.
«Проекты, кæцыйæн йæ нысан у регистрацийы процессты фенцондæр æмæ фбæлццæттæн уæлæмхас комфорт скæнын, Тбилисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты фæткдæттæг компани «Тав Джорджиа» 150 000 ларийы онг инвестици нывæрдта.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты ацытæккæ хирегистрацийы дыууæ киоск кусы, кæцытæй пайда кæнын фыццаг жтапыл æрмæст дыууæ авиакомпанийы бæлццæттæн у сæ бон. Авиакомпаниты нымæц, кæцыты рейстыл регистрацийы хиауадзын бæлццæттæн хæдбарæй уыдзæн сæ бон, жтапгай райрæздзæн.
Хирегистрацийы киоскты уадзæг францаг компани EASIER-ы, глобалон хызагы фæрцы, дунейы масштабæй бæронд гъæды продукцийæ æмæ бирæгъуызон сервистæй ифтонг кæны куыд уæлдæфон æмæ сурзæххон транспорты операторты, афтæ хицауадон институциты» – банысангонд у «Тав Джорджиайы» информацийы.