Тбилисы ацæудзæн фыццаг æхсæнадæмон цифрон дизайн фестивал - Touch RGB
Touch Plarform-ы организацигондæй 11 апрелы Гуырдзыстоны фыццаг æхсæнадæмон дизайн фестивал – Touch RGB ацæудзæн.
Мадзалы фæлгæтты, сæйраг горæты мриайы программæйы «Тбилис- ЮНЕСКО-йы мадиааивады горæты» æххусæй 11-14 апрелы ТЕС-ы историон павильоны OUCHHH-ы дунейы номдзыд имерсион инсталляци – «Адæймаджы чырæгы атълас» (THE HUMAN CELL ATLAS) уыдзæн бавдыст.
Фæнысангонд инсталляци аразгæ интеллекты (А1) бæрæггæнæнты тыгъдадон нывкæныны фæстиуæгæн арзт адæймаджы чырæгты визуализаци у.
Гуырдзыстоны фыццаг æхсæнадæмон дизайн фестивалæн æртæ сæйраг темæ ис: UI/UX дизайн, генериргонд дизайн – (креатив, АI, ног мадиатæ), иммерсион фæлтæрдтæ. Мадзал æфсæст уыдзæн презентацитæй, панелон дискусситæй, кусæн фембæлдтæй æмæ æндæр ивхæрсæн активондзинæдтæй.
Фестивалæн йæ нысан у, фæнысангонд сефрæйы минæвæрттæн сæфадæттæ стынг кæнын æмæ дунейы базары популризацийæн сараза къух. Мадзалæн къухдариуæг кæндзысты: MUSHO-ы бындурæвæрæг, Awwwards-ы жюрийы президент æмæ Tekonauten-ы бындурæвæрæг, Nefflix – продукты акæнæг дизайнер, Pentagram-ы креативон директор: SJE-ы бындурæвæрæг, UX тренер æмæ бирæ æндæр. Фæнысанкæнинаг у, цæмæй OUCHHH студи сарызта, зæгъæн ис 7 æхсæнадон аивады проект ахæм горæтты цахæмдæр сты:Токио, Нью-Йорк, Лос Анджелес, Мехико, Сиэтл, Чикаго, Майями, Сан Пауло, Сеул, Ром, Гонгконг, Джаккарта, Сингапур, Лондон, Барселона, Берлин, Дубайи æмæ а.д. Студийы сфæлдыстад дунейы нымадмæ ист уыдис æмæ æхсæнадæмон аренæйыл æнæиу хорзæх райста.
Информаци публикаци кæны Тбилисы мэриайы пресскуыст.