Тбилисобамæ нывонд мадзæлтты тыххæй, сæйраг горæты уынгты змæлд этапгай арæнгонд уыдзæн
«Тбилисобамæ» нывонд мадзæлттæ æрцæттæгæнæн куыстыты æмæ сæ цыды периоды сæйраг горæты иуæй-иу уынгтыл автомобилты змæлд этапгай фæтобæ уыдзæн. Информаци хъусын кæны Тбилисы мэриа. Афтæма сæ информацийæ, тобæ 30 сентябры 23:00 сахатæй 8 октябры 08:00 сахатмæ архайдзæн.
«30 сентябрæй 23:00 сахатæй 2 октябры 00:00 сахатмæ хайгай æхгæд уыдзæн Григол Орбелианийы алфæмбылай территори – Гиорги Атонелийы уынгæй Вахтанг Орбелианийы фæзилæны №13–ы онг уæвæг фæндагон фадыг; 2 октябры 00:00 сахатæй 8 октбяры 23:00 сахатмæ змæлд фæтобæ уыдзæн Сур хиды территорийыл. Сæрмагондæй Италиайы уынгыл, Орбелианийы алфæмбылай территорийы æмæ Атонелии уынгæй Орбеианийы фæзилæны №13 –ы онг уæвæг фæндагон фадыгыл.
3 октябры 23:00 сахатæй 8 октябры 08:00 сахатмæ змæлд арæнгонд уыдзæн Абанæйы уынджы алфæмбылай территорийыл – Абанæйы уынгæй Иосеб Гришашвилийы уынджы æрдæм. Уый тыххæй Гришашвилийы уынгмæ бацæуын гæнæн уыдзæн Пирдоусы, Мирза Патал Ахундовы æмæ Исмаил Испаханийы уынгты уылты.
4 октябры 12:00 сахатæй 7 октябры 02:00 сахатмæ транспорты змæлд арæнгонд уыдзæн Коста Хетæггаты уынгыл, Хетæггаты Къостайы номыл скъверы цур уæвæг бензинрæвдзгæнæн станцæйæ Хетæггаты Къостайы æмæ Гурам Сагъарадзейы уынгты алвæндагы онг фадыгыл.
Тбилисы мэриа хатыр куры сырæзт дискомфорты тыххæй!» – банысангонд у Тбилисы мэриайы информацийы.