Тбилисмæ план кæны ног 18 æмæ 24 метры дæргъæн автобусты æрбаласын æмæ микроавтобусты паркъы ранæуæг кæнын
Тбилисы 18 æмæ 24 метры дæргъæн ног муниципалон автобусты æрбаласын план кæны, – уый тыххæй Тбилисы мэр Каха Каладзе сæйраг сахары рабадтыл транспортон реформæйы ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
Каха Каладзейы дзырдæй, автобустæн æмбæлон инфраструктурæ дæр сырæздзæн.
«Сæйраг сахармæ æрбацæудзæн стыргабаритон 18 æмæ 24 метры дæргъæн автобустæ. Цæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сырæздзæн хъæугæ автобусты хаххытæ, инфраструктурæ, цæмæй ай йас автобустæ æнæпроблемæйæ æмæ сæрибарæй змæлой сæйраг сахары уынгты.
Алы инфраструктурон куыст, кæцы абон сахары цæуы уагъ, специалон хаххытæ автобустæн æмæ æмбæлон инфраструктурæ нымадмæ ист сты, цæмæй ац æрдгæй проблемæтæ ма сæвзæрой»,- райхъусын кодта Каха Каладзе.
«Цыдæриддæр та микроавтобустæм æххæссы, 2011 азы æрбаластой микроавтобустæ æмæ абон сæ уавæр ницы критикæйæн фæразы. Алы ресурс ацы микуроавтобустæн фæцис, уымæ гæсгæ дæр, мах уадзæм бадзырдтæ ацы хицæн компаниимæ, цæмæй фæнысангонд микроавтобустæ ивд æрцæой æмæ хъуыддаг кæронмæ бакæндзыстæм. Фæстиуæгæн сæйраг сахарæн уыдзæн ног микроавтобустæ, кæцытæ лæккад кæндзысты Тбилисы цæрджытæн», – райхъусын кодта Каха Каладзе Тбилисы хицауады рабадтыл.