2019 азы сæрды навигацион сезоны дæргъы, гуырдзиаг авиакомпани «Джорджиан Эарвейс» (Georgian Airways) Европаг ардæмадтыл регулярон рейсыты фæуæладйгонд арæхадæй сæххæст кæндзæн.
Æмбæстагон авиацийы агентады хъусинагæй, тахты арæхад фæфылдæр кæнын Тбилис-Амстердам-Тбилисы, Тбилис-Венæ-Тбилисы, Тбилис-Болонья-Тбилисы, Тбилис-Барселона-Тбилисы, Тбилис-Брюссель-Тбилисы æмæ Тбилис-Прагæ- Тбилисы уæлдæфон хаххытæм аххæссдзæн.
Регулярон рейсытæ алкæцы арæдмадыл, къуырийы мидæг æртæ хатты сæххæст уыдзæн. Ивгъуыд азы аналогион периоды, авиакомпани фæнысангонд уæлдæфон хаххытыл рейсытæ æххæст кодта къуырийы мидæг дыууæ хатты.
Уыйимæ иумæ, Georgian Airways сног кæндзæн регулярон рейсытæ Батумæй Мæскуыйы æрдæм æмæ тахтытæ 7 июнæй 26 октябры онг къуырийы мидæг иу хатт, майрæмбоны цæудзысты æххæст.
Тахтытæ сæххæст уыдзысты Boeing B737, Embraer E190 æмæ Е195 типы хæдтæхджытæй.