«Татунашвили-Отхозориайы номхыгъд» - 33 уæнгы ранымад
«Татунашвили-Отхозориайы номхыгъд» - 33 уæнгы  ранымад

Фыццаг Къаналæн бæрæг ссис  уыцы  уæнгты   нæмттæ,  кæцытæ   а.х.  Татунашвили-Отхозориайы  номхыгъдмæ  æрцыдысты  хаст.

Сæрмагондæй  та, ацы  уæнгтæ  сты:

Гуырцъыты  Джемалы фырт Дауыт æмæ  Табуты   Аликъ. А.х. Татунашвили-Отхозориайы   номхыгъды  документмæ гæсгæ,  2018  азы  22  февралы, Ахалгоры  районы  хъæу  Мосабруны цур,   Арчил Татунашвилийы, Иосеб Павлиашвили æмæ   Леван  Куташвилийы   оккупацигонд Ахалгоры   а.х.  КАГБ-ы  куысты  хайады хистæр  Табуты Аликъ, оккупацигонд Ахалгоры  а.х.  прокуратурæйы прокурроры  æххуысгæнæг  Гуырцъыты Дауыт æм оккупацигонд  Цхинвалы   регионы  а.х.  барадхъахъъхæнæг   органы  æндæр кусджытæ, къордонæй,   æнæзакъононæй  æрцахстой  æмæ нырма  Арчил Татунашвилийы,  æрмæст фæстæдæр та –  Иосеб Павлиашвилийы  æмæ Леван Куташвилийы   аластой  Ахалгоры районы   а.х.  æдасдзинады  куысты  бæстыхаймæ,  цы ран  Арчил Татунашвилийы хъизæмары нысанæй,  алæвæрдтой   оккупацигонд  Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнæг оргæны  гарзджын  кусджытæм, кæцытæ  йæ  аластой   Цхинвалмæ, цы ран  2008 азы  августы  хæсты  хайад кæй иста  уый  тыххæй,  хъизæмарæй  амардтой Арчил Татунашвилийы, сæрмагондæй та йын,  буары æндæр æмæ æндæр ран 100-йæ фылдæр хатт фæцæф кодтой.  Фæстæдæр   Арчил Татунашвили  амард.  Иосеб Павлиашвили  æмæ Леван Куташвилийы, 2018 азы  24 февралы  а.х.  развæлгъау ахсты  изоляторæй  ссæрибар  кодтой, фæлæ  сын æнæзакъононæй  тобæгонд уыд  Гуырдзыстоны хицауады  кантролгонд территоримæ рахизын 2018 азы  11 марты онг.

Рашид Канджи Огълы, Тъхъварчелы районы  цæрæг. Татунашвили-Отхозориайы  номхыгъдæй цы  хуындæуы уыцы  документмæ  гæсгæйæ, Хурчайы,  оккупацион хаххы цур,  Хурча-Набакъевы  а.х.  ауадзæн пункты  цур,  Рашид Канджи-Огълы  2016 азы  19 майы   амардта  Гуырдзыстоны æмбæстаг – Гига Отхозориайы.

Номхыгъды  афтæдæр сты:  Славик Бадиа, Раул Къортава, Заур Чъитанава, Циброна (Эка) Ахалаиа, Отар  Турнанба, Алика  Цъабриа, Руслан  Джопуа, Роза Мирцхулава, Димитр Аршба, Владимер Гуниа, Алхаз Мирцхулава, Гиа Тужба, Генрих Чъанба, Владимер Ануа, Заур  Цецхладзе,  æндæр номæй  та Михеил Тарба, Геннади Ашхацава, Гела Ванача, Отар Палавандзиа, Олег Папаскири, Африкан  Бганба, Вахтанга  Убириа, Владимир  Начач-Огълы, Шурик Кокскериа, Лев  Быцæнты, Туаты  Гиа, Уазæгты  Писо, Бестауты Тамаз, Пухаты Рамчик, Дзейранты Аркадий, Дудайты  Зураб.

«Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъды»   фæдыл  хицауады  уынаффæйы проекты  премеьр-министр,  Мамука Бахтадзе   абон   брифингыл  бавдыста.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы  этапыл  Отхозориа-Татунашвилийы  номхыгъдмæ хаст сты 33  уæнгы, кæцытæ  1991 азæй  абоны онг,   оккупацигонд территоритыл  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  ныхмæ æндæр æмæ æндæр  фыдракæнд сæххæст кодтой.  Уынаффæйы проект  хицауады  рабадтыл æркастысты æмæ  парламентмæ  æрцæудзæн æрвыст.