Тамила Баркалаиа – æххуырст кусджтæн компенсацитæ райсынæн уæлæмхас документаци æмæ регистраци нал бахъæудзæн
Æххуырст кусæг адæймæгтæ, кæцытæм мызд нал цæуы лæвæрд, сты æнæфидгæ æнцойуагъдмæ æрвыст кæнæ сæ ссæрибар кодтой куыстбынатæй, паддзахадæй райсдзысты мæйы мидæг 200 ларийы бæрц æххуыс æхсæз мæйы дæргъы, – уыый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамила Баркалаиа фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æмтгæй райсгæйæ алкæцы ахæм æмбæстагæн æххуыс уыдзæн 1200 ларийы бæрц.
«Фæнысангонд номхыгъдтæ сараздзæн æфтиæгты куыст, кæцы фæстæдæр бавдыст уыдзæн куыстдæттынады агентадмæ. Официалонæй æххуысрт кусæг адæймæгтæ, кæцытæ формалон куыст кодтой, нæ бахъæудзæн ницы уæлæмхас документаци бавдисын æмæ регистрацитæ. Сæ куыстдæттæг, уæдмæ куыд кодта æрвылмæййонæй афтæ, бавдисдзæн дзуапплæвæрд æфтиæгты куыстмæ, бавдисдзæн сæм информаци куыстæй ссæрибаргонд адæймæгты тыххæй, æмæ суммæ автоматонæй æрвыст æрцæудзæн нæ банкъон хыгъдмæ», – райхъусын кодта Тамила Баркалаиа.
Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад абон COVID-19-æй райсгæ зианы фенцондæр кæнынæн нысанон паддзахадон программæйы презентаци ауагъдта. Презентацийы æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамила Баркалаиа деталонæй радзырдта компнесациты райсæг къордты æмæ æххуыс алæвæрды фæткы фæдыл.