Тамар Хулордава - Венецийы камисы эксперттæ хахх кæнынц уый, цæмæй конституцион ивындзинæдтæ бæстæйы конституцион цардыуаг фæтыхджындæр кæндзысты
Венецийы камис 16 марты Гуырдзыстоны конституцион ивындзинæдтæм гæсгæ кæронбæттæн хатдзæг бавдисдзæн.
Камисы 114-æм пленарон рабадтыл, кæцы Венецийы ацæудзæн, Гуырдзыстоны парламенты Европæимæ интеграийы комитеты сæрдар, Тамар Хулордава райсдзæн хайад.
«Сом Венецийы камис пленарон рабадтыл æркæсдзæн æмæ райсдзæн кæронбæттæн хатдзæг Гуырдзыстоны конституцион ивындзинæдты фæдыл. Венецийы камисы эксперттæ ноджы иу хатт бахахх кæндзысты уый, цæмæй конституцион ивындзинæдтæ бæстæйы конституцион цардыуагы фæтыхджындæр кæнын æмæ райтынгæн у æмæ конституцион реформæ æххæст кæны Гуырдзыстоны парламентон демократийы арæзты процесс. Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, конституцион реформæйы процессы райдианы райхъусын кодта, цæмæй æххæстæй нæ зæрдыл бадарттаиккам Венецийы камисы алы принципиалон рекомендацийы. Ацы домæн сæххæст кодтам. Фидæн къуырийы Гуырдзыстоны парламент æртыккаг хъусынæй халæппæрстмæ куы рахæсдзæн конституцион ивындзинæдтæ, Гуырдзытсонæн уыдзæен ног конституци, кæцы æнæхъæнæй æмбæлон уыдзæе фундаментон конституцион принциптæм æмæ европæйаг парламентон демократийы сеппæтæй хуыздæр традицитæм» – расидтис Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар.