Тамар Габуниа - Мæ хъуыдымæ гæсгæ, марты кæронæй реалонæй нæ бон бауыдзæн цæмæй «Астразенекайы» вакцинæйæ райдайæм вакцинаци
Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниайы аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны коронавирусы ныхмæ вакцинацийы процесс марты кæронæй райдайдзæнис.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, марты кæронæй реалонæй нæ бон бауыдзæн, цæмæй «Астразенекайы» вакцинæйæ райдайæм вакцинаци. Гæнæн ис «Pfizer» дæр нæм æрхæццæ уа уæдмæ. Апрелы ауæрæхдæр уыдзæн уымæн æмæ уæлæмхас дозæты æнхъæлц нæм ис», – банысан кодта Тамар Габуниа.
Габуниайы дзырдæй, зæгъгæ низты контролы центр къуырийы кæронмæ бафиддзæн суммæ «Астразенекайы» фыццаг дозæтæн, кæцы этапгай æрцæудзæн бæстæмæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон «Астразенекайы» вакцинæ «UNISEF»-ы механизмы æххуысæй æлхæны.