Тамар Габуниа – коронавирусы фæдылдзог уылæн критиконæй тæссаг уыдзæн 60 аздзыдæй хистæрдæр кары адæймæгтæн, кæд уыдоны вакцинаци нæ бафæраздзыстæм уæд
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа хъусын кæны, цæмæй коронавирусы ног уылæнтæм, фидæн азы, ног азы фæстæ дæр хуъамæ æнхъæлмæ кæсæм.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уыцы цауы? кæд æмæ нæ фæхуыздæр уыдзæн 60 аздзыдæй хистæр кары адæймæгты æхсæн вакцинацийы бæрæггæнæн, уæд фæдылдзог уылæн критиконæй тæссаг уыдзæн уыдонæн.
«Стыр хъусдард хъæуы ацы æрдæм, ныр махмæ госпитализацимæ æмæ мæлынады бæрæггæнæн дæр бæрзонддæр у 60 азæй хистæр кары æмбæстæгты. Сеппæтæй каддæр вакцинацигонд сты растдæр ацы кары æмбæстæгтæ. Афтæмæй ацы бæрæггæнæн фæхуыздæр кæнын хъæуы,цæмæй вакцинацигондты бæрæггæнæн сегасдæр бæрзонд хъуамæ уа 60 аздзыд карæй уæлдæр. Цæмй реалонæй фенцондæр уа госпиталты уæвæг уавæр æмæ леталон цаутæ фæкаддæр уа.
Никуы уыдзæн нæ бон ацух кæнын фидæны рискытæ коронавирусы афтæ æнæпргноз æмæ рискджын ивддзинæдты уавæрты, цæй зæгъын æй хъæуы, гæнæн ис æмæ уа ног уылæнтæ. Уый тыххæй хъуамæ уæм максималонæй цæттæ. Нырма зын у зæгъын, уыдзæн æввахс фидæны æви нæ фæлæ, ис æнхъæлц, цæмæй ног азы фæстæ гæнæн ис райдайа ног уылæн. Ноябры райдайæн æгæр раджы у, фылдæр гæнæн ис ног азы фæстæ», – загъта Тамар Габуниа.