Тамар Габуниа хъусын кæны, цæмæй июны Гуырдзыстонмæ, «Астразенекайы» вакцинæйы ноджы 43 000-ы онг дозæ хъуамæ æрбафта
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдиæг Тамар Габуниа хъусын кæны, цæмæй июны бæстæ «Астразенекайы» уæлæмхас дозæтæ райсдзæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ вакцинæтæй ифтонгады æмгъуыдты æмæ дозæты фæдыл конкретон информаци нырма нæй.
«Июны æнхъæлмæ кæсæм «Астразенекайы» уæлæмхас дозæтæм, 43 000 дозæ ма нæм хъуамæ æрбафта «Коваксы» платформæйæ июны.
Иннæ вакцинæтæй ифтонгады æмгъуыдтæ æмæ дозæты тыххæй нæм конкретон информаци куыддæр фæзындзæн, афтæмæй уын базонын кæндзыстæм æмæ æхсæнадæн уыдзæн бæрæг», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.