Тамар Габуниа - Гуырдзыстоны «омикроны» штамы цаутæ нырма не сбæрæг сты
Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниайы дзырдæй, зæгъгæ коронавирусы „Омикрон» штамыл активон мониторинг цæуы. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цалдæр гуырысхойаг цау бацахуыр кодтой, фæлæ «омикроны» штам нæ фæбæрæг ис.
Уыимæ ма, Тамар Губаниа загъта, цæмæй «омикроны» номхуындæй бæрæг штам, тынг цырд хæлиу кæны, цæй тыххæй дæр Гуырдзыстоны йæ ахæлиуы риск ис. Растдæр уый тыххæй Габуниа дзуры, цæмæй нысаниуæгджын у арæнтыл контрол фæкарздæр кæнын.
«Йæ цырд ахæлиуы æмæ миграцийы тыххæй, рискытæ ис æмæ уыдонмæ гæсгæйæ, иттæг нысаниуæгджын арæнтыл контрол фæкарздæр кæнын, кæцымæ бæстæ нырид рывнæлдта, куыддæр дзы ацы информаци ахæлиу ис афтæмæй. Афтæма сæрмагонд хъахъхъæды фæрæзтæ, ковидрегуляциты хъахъъхæд æмæ вакцинаци. Нысаниуæгджын у, цæмæй вакцинæйæ хъахъхъæды эффект йæ тыхы ис. «Омикронмæ» гæсгæ, сæрмагондæй, æртыккаг бустер дозæ саразыныл цæуы акцент. Амондæн, нырма «омикронимæ» баст адзалы цаутæ нæй æмæ бæлвырд бæрæггæнæн, цавæр уæззау низтæ расайæг суыдзæн уый, нырма нæй», – хъусын кæны Тамар Габуниа.
Уый ма сынтæджыты мобилизацийы фарстайыл дæр фæныхас кодта æмæ загъта, цæмæй абоны бонмæ ковидпациенттæ райсынæн сынтæджыты æгъгъæд нымæц ис, фæлæ стыр къадайæн, гæнæн ис, системæ нал бафæраза.