Тамар Чугошвили - Кæд юстицийы совет цыбырдæр æмгъуыдтæм нæ сараздзæн фидиуæн æнæмгъуыдæй снысаны фæурæды, уæд парламент юстицийы советæй йæ квотæйæ нысангонд фондз уæнгы фæстæмæ хъуамæ рахона
Гуырдзыстоны парламенты вице-спикер Тамар Чугошвили хъусын кæны, цæмæй кæд æмæ юстицийы совет цыбыр æмгъуыдтæмнæ сараздзæн фидиуæн тæрхонгæнджыты æнæмгъуыдæй снысан кæныны фæдыл, уæд зæгъгæ парламент юстицийы бæрзонддæр совтæй йæ квотæйæ нысангонд фондз уæнгы фæстæмæ хъуамæ рахона.
Тамар Чугошвили парламенты пленарон рабадтыл райхъусын кодта, цæмæй парламенты нысангонд уæнгтæй цухæй, юстицийы совет уынаффæ нæ рахæсдзæн.
«Фæнды мæ иу фæндаг банхъарын. Хатыр хъуамæ ракурон мæ коллегæтæй, кæцытимæ ацы фарста не ркастæн æмæ комкоммæ ацы трибунæйæ хъуамæ зæгхон мæ хъуыды. Кæд юстицийы совет цыбырдæр æмгъуыдтæм нæ сараздзæн фидиуæн æнæмгъуыдæй снысан кæныны фæуромыны фæдыл, уæд мæнмæ гæсгæ ацы ситуацийæ рацæуæн у, цæмæй парламент фæстæмæ рахона уыцы фондз уæнгы, кæцыты мах снысан кодтам юстицийы бæрзонддæр советы. Тæрхонгæнджынтæ æнæ мах нысангонд уæнгтæй уынаффæ нæ рахæсдзысты. Уый гæнæн нæй, уыдон алкæй нысан кæнынц растдæр мах цы юстицийы советы уæнгты снысан кодтам, уыдоны æххуысæй æмæхъæлæстæй» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.