Тамар Черголеишвили – «Националон Змæлды» сæм бæстæйæн фæткдæттыны претензи ис æмæ ныр та локациты тыххæй хыл кæнынц
«Националон Змæлды» сæм бæстæйæ фæткдæттыны претензи ис æмæ ныр хыл кæнынц локациты тыххæй – уый фæдыл «Табулайы» редактор, Тамар Черголешвили фыссы социалон хыза «Фейсбукы» фарсыл.
Тамар Черголейшивли «Националон Змæлды» сæрдары бынатмæ кандидат Леван Хабеишвилийы æмæ партийы фидиуæнтæн дзуапп кæны.
«Адонмæ бæстæйæн фæткдæттыны претензи ис – локациты тыххæй хыл кæнынц. Исты аргъдзинадыл нæ фæлæ, дæнцæн хорз уаийд æви нæ Нмахаван-гэсы тыххæй протесты фарс рахæцын, кæнæ сæм цы ахаст хъуамæ уа Павтриархиимæ – нæйы, локациты тыххæй дау кæнынц. Уый тыххæй у, æууæнкы æмæ жанры кризис, ахæм куы у политикон элитæ уый» – фыссы Тамар Черголешвили.
Бæрæгдзырдæн, парти «Националон Змæлды» сæрдаы бынатмæ кандидат Леван Хабеишвили брифингыл фехъусын кодта, цæмæй «Саакашвилийы фарс рахæцынæн æмбырд кæнынц сом, 18:00 сахатыл паддзахадон канцелярийы цур æмæ Шекветилийы Иванишвилийы хæдзары цур».
Партийы та загътой, цææмй цалдæр бон размæ ист уынаффæмæ гæсгæйæ, солидарондзинады акци Тбилисы, 4 январы Сабырады хидыл ацæудзæн, æрмæст локаци Гуырдзыстоны æппæт масштабæй дыууæ нæ фæлæ, аст уыдзæн. «Националон Змæлды» фидиуæнмæ гæсгæйæ, аст локацийæ æртæйы – Телавы, гуры æмæ Рутавы акциты организацидзинад бахæс кодтой Леван Хабеишвилийы фарсхæцæг сæрдæрттæн. «Националон Змæлды» райхъусын кодтой, цæмæй Саакашвилийы цард фервæзын кæнын у фарста, кæцы хъуамæ баиу кæнид æмæ тынг хъыгаг у, цæмæй индивидтæ уый фæрцы архайынц æхсæнад ныддих кæнын.