Такси скъæрджытæн лицензи сисын 21 августæй сæ бон уыдзæн юстицийы хæдзары дæр
Тбилисы меры Каха Каладзейы фидиуæнæй, ацы этапыл таксытыл кусджытæн 200-йæ фылдæр лицензи æрцыд лæвæрд.
Мэр куыд банысан кодта афтæмæй, таксийы шофыртæн лицензи райсын 21 августæй юстицийы хæдзары дæр уыдзæн сæ бон.
«Ногдзинад нæм уый ис æмæ нын уыд коммуникаци юстицийы министрадимæ æмæ 21 августæй барлæвæрд райсын афтæдæр уыдзæн гæнæн юстицийы хæдзары. Бузныг мæ фæнды зæгъын Тея Цъулукианийæн æххуыс æмæ æмгуыстады тыххæй. Ацы процедурæтæ æмтгæйонæй кæй фенцондæр кодтам уымæй уæлдай ма, ис гæнæн хæдзарæй æнæрацæугæйæ райсын лицензи, афтæдæр лæккады райсын ис гæнæн 10 гамгеобайы æппæты дæр æмæ 21 августæй сæм ноджы ма æфтыд æрцæудзæн юстицийы хæдзары.
Куыд æй зонут афтæмæй, цæугæ азы фыццаг октябрæй, æнæ барлæвæрдæй таксийы лæккад тобæгонд у. Растдæр уый тыххæй мæ фæнды фехъусын кæнон алкæмæн, чидæриддæр æмбæстæгтæн фæнысангонд сервис банхарын хъавы, фыццаг октябры онг таксийæ лæккады барлæвæрд сисæт.
1- аг октябрæй лицензи кæмæ нæ уыдзæн, уымæн йæ бон у ацы сервис сæххæст кæна. Сгæрсты рæстæджы лицнези кæмæ нæ уыдзæн, уый фæивар уыдзæн. Ивары бæрц уыдзæн æнхъæл дæн 200 ларийы онг»,- райхъусын кодта Каладзе.