Тагъдцæуæн автомагистралы кæлидоры фæхуыздæр кæнынæн Дунеон Банкъ æфтауцæй финансон ресурс рауæлдай кодта
Хурыскæсæн-ныгуылæны тагъдцæуæн автомагистралы кæълидоры фæхуыздæр кæнынæн Дунеон Банкъ æфтауцæй финансон ресурс рауæлдай кодта.
Финансты министрады информацийæ, 2017 азы 4 декабры, Гуырдзыстоны æмæ реконструкцийы æмæ тынгады æхсæнадæмон банъкы (IBRD) æхсæн «Скæсæн – ныгуылæны тагъдцæуæн автомагистралы къæлидоры фæхуыздæр кæныны проекты æфтауцæй финансдзинады» фæдыл бафыст æрцыд бадзырд.
Документыл къух бафыстой финансты министр Мамука Бахтадзе, æмæ Дунейы Банчы регионалон директор Хуссар Кавказы, Мерси Тембор.
Проекты фæлгæтты рахицæнгонд 16.9 милуан евройы бæрц финансон ресурсæй, Европæйы ивестицион Банкимæ иумæ, зæрдылдард у скæсæн-ныгуылæны тагъдцæуæн автомагистралы къæлидоры Чумателетийæ Хевийы онг, зæгъæн ис 11 километрон фадыгыл уæвæг дыууæ хахджын фæндаджы фæхуыздæр кæнын æмæ цыппар хаххджынæй скæнын.
Арæзтадон куыстытæ фæуыдзысты 2020 азмæ.