Тбилисы горæты тæрхондоны тæрхонгæнæг Нино Чахнашвили, 20-21 июны хъуыддагыл къордон тыхми организацидзинады зылынмæ лæвæрд Ника Мелиайы ахсты ныууагъдта.
«Чинчаладзейы мын фæфæрсут», – афтæ баздæхтис Ника Мелиа тæрхонгæнæгмæ уынаффæ расидыны фæстæ.
Тæрхонгæнæг Ника Мелиамæ æрсидтис, цæмæй уыйы феддедуар кодтой рабадты залæй, цæй тыххæй дæр иннæ рабадтыл Мелиа нал уыдзæнис.
Тæрхонгæнæджы уынаффæйы фæстæ, залы уæвæг адæм «цагъар-цагъар» зæгъгæ хъæр кæнын райдыдтой.
Тæрхоны процесс 29 апрелы 13:00 сахатыл адарддæр уыдзæн.