Тæрхондоны фæдыл рæстæгмæ фæдагурæг комиссийы саразыны фарстайыл хъæлæскæнынад парламенты бонвæткмæ хаст нæу
Тæрхондоны фæдыл рæстæгмæ фæдагурæг комиссийы саразыны фарстайыл хъæлæскæнынад парламенты цæугæ къуырийы боны фæткмæ хаст нæу. Уый фæдыл абон парламенты бюройы рабадтыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ кæд парламенты искæцы уæнг кæнæ та къорд неу разы бонвæткимæ, кæнæ та хъуыды кæны, цæмæй исты фарста æркæсинаг у, уый фæдыл æркуырд хъуамæ бавдисæт рабадтыл æмæ пленарон сессийыл дæр. Уыимæ Шалва Папуашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, оппозиционер депутатты бынаты, фыццаджы дæр бацымидис кодтаит, цы бæлвырдгæнæнты бындурыл рахаста санкцитыæ сфидар кæныны уынаффæ паддзахадон департамент.
«Хъыгагæн, абоны онг минæвар хъæугæйыл нæ нымайы, гуырдзиаг дзыллæйæн базонын кæна, цы бæлвырдгæнæнтæ ис уый фæдыл, нæрайсгæ у Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн санкцитæ афтæ куы сфидар кæнынц, æмæ уый аккагыл ничи банымайы Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгæн зæгъой, цы ссис уый бындурæй», – райхъусын кодта Папуашвили.
Фæнысангонгд фидиуæн парламенты сæрдар сарызта оппозиционер депутат, Теона Акубардиа рабадтыл куы бафарста, парламентон фылдæртæ цæугæ къуырийы ацæудзысты æви нæ регистраци.
«Ацы сессион къуырийы регистраци уæ бон бауыдзæн? Иу æрдгæй конституцийы ныффыст у фæдагурæг комисситыл, иннæ æрдгæй æндæр закъонтæ, 50-ы онг закъон, раззаг къуырийы уæ бойкоты тыххæй, сæ райсын йæ бон нæ бацис парламентæн. Ам бæрн сымахыл у æвæрд, куыд парламенты сæрдарыл. Уый тыххæй дæр, ацы къуырийы дæр афтæ æнæбæрнон æмæ фылдæр оппозицимæ ахызтæй уыдзæн позионирдзинад æви исты фæивдзыстут? Мæ хъуыдымæ гæсгæ , конституцийы сæххæст кæнын алы депутаты хæс у», – райхъусын кодта Теона Акубардиа.