Тæрхондон «Рустави 2»-ы хъуыддагыл Ника Гварамиайæн æртæ аз æмæ æхсæз мæййæ ахст стæрхон кодта
Тбилисы горæты тæрхондон «Рустави 2»-ы хъуыддагыл Ника Гварамиа, Каха Дамениа æмæ Зураб Иашвилийы аххосагы хъуыддагыл тæрхоныскуыд рахаста.
Тæрхонгæнæджы уынаффæйæ, Ника Гварамиайæн 3 аз æмæ æхсæз мæййы æмгъуыдмæ ахст стæрхон кодтой æмæ йæ тæрхондоны залы æрцахстой.
Тæрхондоны уынафæйæ, Зураб Иашвилийы сраст кодтой. Аивдтой йын цъынды. Афтæдæр аивдтой йæ мулкыл æвæрд хъоды.
Кахабер Дамениайæн та, бавдыст аххосагы квалификаци фæивдтой æмæ тугтæрхоны кодексы 220-æм статийæ æмæ нымад æрцыд зылынджыныл. Дамениайæн ивары хуызæй 50 000 ларийы бафидын стæрхон кодтой.
Прокуратурæ «Рустави 2»-ы хъуыддагыл Ника Гварамиайы, афтæдæр «Рустави 2»-ы раздæры финансон директор Каха Дамениа æмæ «Интер Медиа Плюсы» директор Зураб Иашвилийы аххосаг 2020 азы 6 сентябры бавдыста. Фæдагуырд Ника Гварамиайы «Рустави 2»-ы мулк ныппаплой кæныны, æнæзаконон æфтиæгты легализацийы æмæ кусæн æххæстбарты фыдвæнд спайдайы аххосджын кæны. «Рустави-2»-ы раздæры финансон директор, Каха Дамениайы та телекомпанийы мулкон барты барадсæттгæ ныппалой кæныны аххосджын кæны. Зураб Иашвилийы, зылынджын кодтой коммерцион балхæдты æмæ мæнг документтæ æрцæттæ кæныны.