Тæрхондон Ника Мелиайæн, ахстæй æфхæрд, цъыныдйы фæдыл уынаффæйæ фæивдта
Тбилисы горæты тæрхондон сразы ис прокуратурæйы куырдиатимæ, «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайæн ахсты фæдыл æфхæрды мадзал цъындыйæ фæивыны тыххæй.
Уынаффæ хъуыддаджы тæрхонгæнæг Нино Чахнашвили рахаста æмæ банысан кодта, цæмæй æнæаргъæвгæйæ хъуамæ сæххæст уа.
Ника Мелиа абоны рабадтыл нæ уыдис, уымæн æмæ йæ фæнысангонд хъуыддаг кæсыны фæлгæтты, тæрхонгæнæг тæрхоны залæй феддæдуар кодта.
Цæугæ азы 19 апрелы Евроцæдисы медиацийæ ист бадзырдмæ гæсгæйæ, развæлгъау ахстæй ссæрибар кæнынæн, Ника Мелиайæн тæрхонгонд цъындыйы суммæ 40 000 лари Евроцæдисы эгидæйæ, «Европаг Фонд демократийæн» 8 майы рауæлдай кодта.
Ника Мелиайы аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225 статийы фыццаг æмæ дыккаг хайæ, кæцы йæ хъуыдйы дары къордон тыхми организацидзинад, къухдариуæгад æмæ уым хайад исын.