Тæрхондон, Ивери Мелашвилийы æмæ Наталиа Иличовайы æфхæрды мадзалы ногæй æркæсыныл тæрхон кæны
Тбилисы горæты тæрхондоны, Давит Гареджийы хъуыддагыл ахст Ивери Мелашвилийы æмæ Наталиа Иличовайы процесс дарддæр кæны. Абон тæрхондоны, ахæсттæн æфхæрды мадзал ногæй æркасты фæдыл тæрхон кæны.
Тæрхондоны тыргъы хъуыддаджы прокуррор куы разындис, хъæлæбагæнгæйæ амбæлдысты бынатыл æрымбырдуæвæг политиктæ æмæ активисттæ. Михеил Садрадзейы тæрхоны залмæ бацыды онг – «Цагъар-цагъар» хъæргæнгæйæ бахизын кодтой.
«Хъуыддагыл нæ куырдиаты бындурыл дарддæр кæны фæдагуырд. Уымæ гæсгæ дæр, закондæттынады уагæй хъуамæ æркæса тæрхондон æфхæрды мадзал цас нысанæмраст у уыцы фарста. Нæ позици у, цæмæй зылынмæ лæвæрдты æрдæм спайда кæной ахстæй æфхæрд, уымæн æмæ куыд фæдагуырды, афтæ расттæрхоны сæ хайады тас ис æмæ уырнæг дæн, тæрхондон æмбæлон уынаффæтæ райсдзæн. Цыфæнды уынаффæйы цауы, ацы хъуыддагыл фæдагуырд дарддæр кæны æмæ нæ позици уыдзæн категорион, уымæн æмæ ай у паддзахады ныхмæ фыдракæнд», – райхуъсын кодта прокуррор Михеил Садрадзе.