Сызгъæрин, духитæ, æхсæр – цы продукци хизы Гуырдзыстонæй Швецаримæ , кæцыимæ дæр сæрибар базарад скуыста
Сызгъæрин, духитæ, æхсæр – цы продукци хизы Гуырдзыстонæй Швецаримæ , кæцыимæ дæр сæрибар базарад скуыста

Сызгъæрин, духитæ, æхсæр – цы продукци хизы Гуырдзыстонæй Швецаримæ , кæцыимæ дæр сæрибар базарад скуыста

Уыцы паддзахадты нымæц, кæцытимæ Гуырдызстонæн ис сæрибар базарад, фыццаг майæ Швецари æмæ Лихтенштейн баиу уыдзæн .

Гуырдзыстон æмæ Европайы сæрибар базарады ассоциацийы æхсæн базарадон бадзырд абонæй скуыста

Сæрибар ббазарады фæдыл бадзырд æмæ Европайы сæрибар базарады оссоциацийы алы уæнг – бæстæйы æхсæн абонæй скуыста.

Гуырдызстоны экономикæ æмæ размæцыды министрады информацийæ, Норвеги æмæ Ирландийы, кæцытимæ снысангонд бадзырд 2017-æм азы фыццаг сетнябрæй кусы, ассоцийацийы дыууæ уæнг бæстæ – Швецари æмæ Линхтенштейн баиу сты.

«Гуырдызстон æмæ Европæйы сæрибар базары ассоциацийы уæнг бæстæтч æхсæн сæрибар базарады фæдыл бадзырд фадат дæтты Гуырдызстоны продуктты æмæ сервисты стыр хай æнæ тарифон барьертæй уыдзæн уагъд 14 -милуанон, бæрзонд ауæйы фадатон базартыл» – сидынц Гуырдызстоны экономикæ æмæ размæцыды министрады.

Бадзырд йæ зæрдыл дары ахæм фарстатæ – фосы базар, сервистæй базар, санитарон æмæ фитосанитарон нормæтæ, базарады техникон барьертæ, базарады къухарæзт æмæ æмкуыстдзинад базарадон фарстаты.

Гуырдзыстон æмæ EFTA-йы æхсæн сæрибар базарады фæдыл бадзырдыл къух, 2016-æм азы  27 июны æрцыд фыст Швецарийы горæт Берны, Европайы сæрибар базарады ассоцивцийы министериалы фæлгæтты.