Süddeutsche Zeitung - Ангела Меркель Гуырдзыстонæн солидарондзинад равдисдзæн Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» фæмардуæвæг æфсæддонты мемориалыл дидингуытæ сæвæрынæй
Гуырдзыстоны æрдæм солибарондзинад Германийы канцлер, Ангела Меркель Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» фæмардуæвæг æфсæддонты мемориалыл дидингуытæ сæвæрынæй равдисдзæн – уый фæдыл банысангонд у Süddeutsche Zeitung-ы статийы, кæцы Гуырдзыстон, Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ Ангела Меркелы визитмæ æххæссы.
Статийы мидæг банысангонд у, цæмæй Кавказмæ Германийы канцлеры визитмæ, стыр интересæй йæ цæст дары Мæскуы дæр, уæлдай дæр Серкель бæрæг æрфитæггæгтæ саразын план кæны.
Süddeutsche Zeitung-ы æрмæджыты мидæг, дзырдæуы Владимир Путины æмæ Ангела Меркелы дæргъвæтин ныхасы фæдыл, кæцы Украинæйы конфликтмæ æххæссыд. Статийы автор дзуры, цæмæ Украинæйы конфликтæн ис парллель Абхаз æмæ «Хуссар ирыстоны» уæвæг конфликттимæ, цы ран Уæрæсе йæ позицитæ фæфидардæр кодта.
«Уымæ гæсгæ Берлины позици у: «Уæрæсейы æфсæддон уæвынадмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы мах тынг критиконæй кæсæм» – дзырдææуы статийы.
Меркелы Гуырдзыстонмæ визиты фæдыл æрцæттæгонд æрмæджыты афтæдæр банысангонд цæмæй зæгъæн ис 10 аз у, ацы конфликттæ салд кæй æмæ растдæр уымæй хибахизын фæнды Меркелы Украинæмæ гæсгæ.
Статийы дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстон абсолютонæй æргом у Европæйæн æмæ ныридæгæн бафыст у ассоциацидзиналы бадзырд æмæ сæрибар базарады фæдыл бадзырд.
«Бæрæг куыд у афтæмæй, экономиконæй ацы къурс фæраст ис, уымæн æмæ бæстæйы 2018 азы сфиксир ис 4,5% экономикон рæзынад»- банысангонд у статийы.
Афтæма статийы автор фыссы цæмæй растдæр зæгъгæ Меркелть баурæдта Гуырдзыстоны бирæ къуындæгдæр бастдзинад ныгуылæнимæ, 2008 азы Бухаресты саммитыл, АИШ-ы президентты, Джордж Бушы хъæддых æрукуырды ныхмæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы альянсы уæнг суæвыны процессы райдаыны ныхмæ куы рацыд.
«Уый фæстæ НАТО-мæ гæсгæ ныр официалонæй гом дуары политикæ архайы. Йæ солилдарондзинад Меркель равдисдзæн Абзаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг æфсæддонты мемориалмæ дидингуытæ бахæссынæй» – фыссы – Süddeutsche Zeitung.
Ангела Меркель официалон визитæй абон æрцæудзæн.