Индонезийы сакъадахыл Бали «Стыр дыууыны» самит байгом ис. Саммитыл сæйраг рæкæсинаг фарста у глобалон экономикæ Украинайы цæугæ хæсты фоныл.
«Æндæр вариант нын нæй, Дуне фервæзын кæнынæн хъæуы æмкуыст кæнын. Алчи хæсджын стæм бæрн æнæрмæст нæ адæмы, фæлæ дунейы цæрджыты раз сисæм нæхимæ. Бæрнондзинад та нысан кæны уый цæмæй хъуамæ кæрон скæнæм ацы хæст. Ацы хæст куы нæ фæуа, уæд дунейæн размæцыд уыдзæн тынг зын. «Стыр Дыууын» хъуамæ уа инклюзивон экономикон сæндидзыны катализатор. Ма хъуамæ хицæнтæ кæнæ дуне хæйттыл. Ма хъуамæ бауадзæм, цæмæй Дуне радон «уазал хæсты» уавæрмæ бацæуа», – райхъусын кодта фысым бæстæйы Индонезийы президент, Джоко УВИдодо саммиты байгомы рæстæджы.
«Стыр Дыууыны» саммиты хайадисджытæм дистанционæй раздæхт Украинайы президент Володимир Зеленски.
Саммитыл нæй Уæрæсейы президент Владимир Путин, лидерты фембæлдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров уыдзæн. Банысан кæнинаг у, цæмæй уæдмæ Индонези нæзагъд ракодта Уæрæсей президент Владимир Путинæн саммиты хайад райсынмæ хуынд аивыныл.
Саммиты официалон байгомы онг иу бон агъоммæ, Балийыл ацыд АИШ-ы æмæ Китайы президентты дыууæфарсон фембæлд. Бадзырдтæ æртæ сахат аххæссыдысты. Уы Джо Байдены президентæй уæвыны дæргъы Си Дзинпинимæ фыццаг хицæн фембæлд уыд.