Стыр Британийы минæвар Гарет Уорд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадæй ацыд
Стыр Британийы минæвар Гуырдзыстоны Гарет Уорд æттаг хъуыдтæгты министрады куыстæй ацыд.
Минæвар медийæн коментар нæ сарæзта.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад Стыр Британийы минæвары æрсидты фæдыл расидæн нырма нæ рапарахат кодта.
Банысанкæнинаг у, цæмæй знон, 24-æм сентябры фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ Гуырдзыстоны Германийы минæвар Петер Фишермæ дæр фæсидтысты.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд банысан кодтой афтæмæй, Германийы минæварæн бамбарын кодтой, цæмæй Венæйы конвенцимæ гæсгæ, дипломативон миссийы уæнгæн ис хæс фысым паддзахады мидхъуыддæгты ма бахъыгдарын.