Стыр Британийы хъахъхъæнынады министр - Фæзындтæм йæ цæст чи дары,  уый æмбары цæмæй  ай у Уæрæсейы хифæкæнд, курæг стæм адæмæй йæ ныхмæ слæууæд  Уæрæсейы æндæвдадæн
Стыр Британийы хъахъхъæнынады министр - Фæзындтæм йæ цæст чи дары, уый æмбары цæмæй ай у Уæрæсейы хифæкæнд, курæг стæм адæмæй йæ ныхмæ слæууæд Уæрæсейы æндæвдадæн

 

Фæзындтæм йæ цæст чи дары,   уый æмбары, цæмæй  Гуырдзыстоны ис  Уæрæсейы  хифæкæнд,  курæг стæм  адæмæй, йæ ныхмæ слæууæд Уæрæсейы æндæвдадæн, – уый фæдыл  Стыр Британийы  хъахъхъæнынады министр   Грант  Шапс  «Скай Ньюсы» эфиры райхъусын кодта.

Журналисты Шапсы бафарста  цавæр уыдзæн Стыр Британийы дзуапп, кæд  Гуырдзыстоны парламент «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» фæдыл  закъон сфидар кæндзæн уæд.

«Фæзындтæм йæ цæст чи дары,   уый æмбары, цæмæй  Гуырдзыстоны ис  Уæрæсейы  хифæкæнд. Федтам, Уæрæсе  агрессивонæй дæр  куы  бабырста Украинамæ. Путинæн нæу йæ бон,  йæхи ма фæтъысса  æндæр бæстæты  хъуыддæгты, хатт æфсæддон фæндагæй, хатт та  уæлæндæвды фæрцы. Уый нæу  дзæбæх  дунейæн, нæу дзæбæх сæрибардзинадæн æмæ  демократийæн.  Стыр Британи  фауы ацы æндæвдад.  Курæг стæм адæмæй,  йæ ныхмæ слæууæд   ацы уæлæндæвдæн, кæцы  Уæрæсейæ  цæуы.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ уыдон афтæ  хъуамæ архайæд, уымæн æмæ Путин равдыста, æнæрмæст Гуырдзыстонæн, цæмæй нæу дзæбæх дунейæн  æмæ сыхæгтæн», – банысан кодта Грант Шапс.