Стыр Британий Персы бакæлæнмæ науты æдасдзинады тыххæй 100 æфсæддоны арвитдзæн
Стыр Британий Персы бакæлæнмæ йæ науты æдасдзинад срæвдз кæнынæн Паддзахон денджызон флоты 100 æфсæддоны арвитдзæн. Уый тыххæй фыссы бритайнаг газет «Таймс».
Рауагъдады хъусинагæй, фæнысангонд уынаффæ Стыр Британи уый фæстæ рахаста, Оманы донкъубалы дыууæ танкермæ бырст куы сыххæст.
Таймс куыд фыссы афтæмæй, элитон хайады 100 енджызон фистæг, Бахрейнмæ ивгъуыд азы баконд ног бритайнаг æфсæддон-денджызон базæйыл æрлæудзысты. Ацы базæйæ британаг æфсæддæттæ, кæцытæ цырд реагиркæныны тыхтæ сараздзысты, Персы бакæлæны патрул кæндзысты æмæ Ормузы донкъубалы æрдæм цæуæг бритайнаг базарадон æмæ æфсæддон наутæ хъахъхъæндзысты.
13 июны Оманы донкъубалы дыууæ танкермæ сæххæст бырстыл бæрн, АИШ-æ æмæ Стыр Британий Ираныл сæвæрдтой.