Стыр Британи санкциты номхыгъдмæ бафтыдта «Роснефть» æмæ «Лукойл»
Стыр Британи санкциты номхыгъдмæ бафтыдта «Роснефть» æмæ «Лукойл»

Стыр Британийы хицауад сног кодта санкцигонд адæймæгты æмæ компаниты номхыгъд, бафтыдта «Роснефть» æмæ «Лукойл».

Куыд бамбарын кодтой, афтæмæй «дыууæ компанийы дæр æххуыс кæнынц Уæрæсейы хицауадæн, уымæн æмæ архайынц стратегион æмæ экономикон æгъдауæй ахсджиаг секторы».

Британи «Роснефты» генералон директор Игорь Сечинæн 2022 азы марты, «Лукойлы» генералон директор Вагит Алекперовæн та 2022 азы апрелы сæрмагонд санкцитæ сфидар кодта.

Стыр Британийы санкциты номхыгъдмæ хауынц «Роснефты» къухдариуæгад, афтæ дæр дыууæ компаниимæ баст цалдæр нау.

Номхыгъды, кæцы 15 октябры ноггонд æрцыд, афтæ дæр ис индиаг компани «Наварра Энерджи», кæцыйы æмхицау у «Роснефть».

Санкцитæм гæсгæ, номхыгъды уæвæг гоймагты æмæ юридикон уæнгты алы актив, кæцытæ Иугонд Паддзахады территорийыл уæвгæйæ, уыдзысты æрурæд.

«Роснефть» æмæ «Лукойл» Евроцæдисы сау номхыгъдмæ хаст æрцыдысты Уæрæсейы æххæстмасштабон хæсты фæстæ Украинайы ныхмæ.

АИШ «Роснефть» æмæ «Лукойлы» ныхмæ санкцитæ нæ сæвæрдта, фæлæ сау номхыгъдмæ бахаста сæ дæлхайæдтæ æмæ семæ баст хицæн адæймæгты.