Стыр Британи банымадта Палестинæйы паддзахад
Стыр Британи банымадта Палестинæйы паддзахад

Иугонд Паддзахад Палестинæйы паддзахад банымадта – уый фæдыл премьер-министр Кир Стармер видеохъусынгæнинаджы расидтис.

«Абон, цæмæй палестинæгтæ æмæ израилæгтæн сабырад æмæ дыууæпаддзахадон æскъуыддзаг сног уа, уый тыххæй Иугонд Паддзахад официалонæй нымайы Палестинæйы паддзахад» – райхъусын кодта Стармер.

Канадæ æмæ Австрали уыдысты фыццаг бæстæтæ, кæцытæ банымадтой Палестинæйы паддзахад Иугонд Паддзахады размæ.