Экономикæйы æмæ æнæудгæ тынгады министрады информацийæ, авиакомпани «Авиасервисы» хæрдмæтæхæг AS 350, кæцы æххæст кодта тахтытæ Степанцъминдайы район Артмхойы комы, 2700 метр бæрзæндыл æрбадыны рæстæджы, нырма æнæбæрæг аххосагы тыххæй базиан ис.
Фыццаг Къаналæн министрадæй куыд фехъусын кодтой афтæмæй, хæрдмæтæхæг пилот æмæ бортыл уæвæг бæлцæттæ нæ базиан сты.
«Æрцæугæ авиацион цауы æвзары Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министрады æмбæстагон авиацийы æмæ денджызон транспорты сферæты æрцæугæ транспортон цауты æмæ инцидентты æвзарæг бюро.
Ацы минутты Гудаурийæ Армтхойы коммæ фæцæйцæуы экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министры хæдивæг Геннадий Арвеладзе, кæцы бынатыл æрзонгæ уыдзæн сырæзт уавæримæ. Йæ фидиуæнæй, хæрдмæтæхæджы алы бæлццон сæрæгас сты æмæ цæуы фæдагуырд æрцæугæ цауы аххосæгтæ рабæрæг кæнынæн» – банысангонд у министрады ахæлиугонд информацийæ.