Статистика -2025 -æм азы æртыгкаг кварталы Гуырдзыстоны аэропорттæ балæггад кодтой 2,8 милуан бæлццонæн
Националон статистикæйы куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025-æм азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны аэропорттæ балæггад кодтой 2.8 милуан бæлццонæн, кæцы 15.0 процентæй фылдæр у ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ.
Аэропорттæ райстой 1,4 милуан бæлццоны, кæцы у 15,4 проценты фылдæр, æмæ аэропорттæй ацыдысты 1,4 милуан бæлццоны, нымæц фæфылдæр 14,7 проценты.
Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025-æм азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны аэропортты бæлццæтты змæлды 95.4 процент планон рейстыл уыд.
Уымæй уæлдай ма, хыгъдлæвæрды периоды дæргъы, Гуырдзыстоны аэропорттæй арæзт бæлццонон рейсты нымæц 10.8 мины онг сырæзт, кæцы ивгъуыд азы æмбæлон периодимæ абаргæйæ 15.4 процентæй фылдæр у. Гуырдзыстоны аэропортты уæзласæн æмæ посты змæлды бæрц 9,5 мин тоннæйы онг сырæзт, кæцыйæ 93,0 процент уæзтæ æмæ пост æрцыд райсгæ, 7,0 процент та æрвыст æрцыд.
Уагдоны хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, 2025-æм азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны аэропортты 0.9 мин уæзласæн рейс сырæзт, кæцы 82.7 процентæй фылдæр у ивгъуыд азы æмбæлон бæрæггæнæнæй.