Статистика – 2024-æм азы январы Гуырдзыстоны экономика 5.8% сырæзт
Статистикайы Националон куысты аргълæвæрдмæ гæсгæ, 2024-æм азы, январы, ивгъуыд азмæ абаргæйæ, реалон æнæхъæн мидпродукты рæзт 5.8 % у.
Статистикайы хъусинагмæ гæсгæ, ивгъуыд азы аналогион периодмæ абаргæйæ, рæзты къуымæй нысаниуæгджын хай бахаста амад, финансон куыст, информаци æмæ коммуникаци.
Фæныллæгы тенденци та разынд базарады, æнæзмæлгæ мулкъы куысты.