Статистика - 2023 азы комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ уыдысты  дыууæ миллиард доллары
Статистика - 2023 азы комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ уыдысты дыууæ миллиард доллары

Статистикæйы националон куыстуаты бæлвырдгонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы Гуырдзыстоны арæзт комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты бæрц уыд 1 902,2 милуан. АИШ-ы доллар, кæцы у 15,6 проценты къаддæр 2022 азы æмбæлон бæрæггæнæнæй, æмæ 19,3 проценты фылдæр 2023 азы развæлгъау бæрæггæнæнтæй.

Saxstat-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæсарæйнаг комкоммæ инвестицитæ дихгонд æрцыдысты компоненттæм гæсгæ ахæм хуызы – æмтгæйон бæрцæй 1,21 миллиард доллар арæзт уыд акционерон капиталæй, 83,7 милуан доллары та – реинвестици. Акционерон капиталы бæрц ивгъуыд азы корректировкæгонд бæрæггæнæнæй у 50,7% фылдæр.

Инвесторты бæстæтæм та цы хауы, уымæй фыццаг дæс инвесторон бæстæйы номхыгъд у ахæм:

Нидерландтæ – 386,3 милуан АИШ доллары; Иугонд Паддзахад – 364,3 милуан АИШ доллары; АИШ – 182,2 милуан АИШ доллары; Турк – 109,5 милуан АИШ доллары; Уæрæсе – 103,3 милуан АИШ доллары; Китай – 98,4 милуан АИШ доллары; Мальтæ – 97,4 милуан АИШ доллары; Азербайджан – 90,3 милуан АИШ доллары; Япони – 69,4 милуан АИШ доллары; Швейцари – 41,9 милуан АИШ доллары.

Экономикæйы секторты дистрибуцимæ гæсгæ, сеппæтæй фылдæр инвестицитæ бахастой финансон æмæ страховкæйы сектормæ. Дыккаг бынатыл ис базарадон къабаз, æртыккаг бынатыл та – куыстгæнæн промышленность.