Станцæйы фæзы базары зынгсирвæзты амæттæгтæн хардзгондыл нымад æрцыд 300 мин ларийæ фылдæр аргъы скуынæггонд базайрагы материалон аргъы хæс
Гуырдзыстоны финансты министрады æфтиæгты службæйы информацимæ гæсгæ, хъалонты мониторингы департаменты кусджытæ ныридæгæн ныффыстой скуынæггонд товартæ æмæ материалон аргъ 300 000 ларийæ фылдæр, Станцæйы фæзы базары зынгсирвæзты аххосæй зианбаййафæг адæмæн.
“Кæд æмæ зианбаййафæг амалхъом адæймæгтæ бавдисой хъусынгæнинаг (базайраг æмæ материалон аргъты сфыст, кæцытæ фесæфтысты/басыгхъдысты зынгсирвæзты фæстиуæгæн), уæд зынгсирвæзты фæстиуæгæн фесæфт базайраг æмæ материалон аргътæ сфыст æрцæудзысты 10 кусгæ боны æмгъуыдмæ æнæ лæггæдты фиддонтæ бафидгæйæ”, – æмбарын кæнынц Æфтиæгты службæ.
Æфтиæгты куыстуат ма хъусын кæны, цæмæй ныппырхгонд материалон активтæ ысффысгæйæ, зианбаййафæг адæймæгтæ нæ райсдзысты хъалонты хæстæ ныппырхгонд материалон активтимæ баст.