«Станцæйы фæзмæ» æввахс ныппырх ис цæрæн хæдзар, цæуынц агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ
Мидхъуыдтæгты министрад Тбилисы «Станцæйы фæзмæ» æввахс цæрæн корпусы ныккæлды фæдыл расидæн рапарахат кодта.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, фæзуат быронæй ссыгъдæг кæнынц æмæ активон агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ цæуынц.
«Мидхъуыдтæгты министрады æрдыгæй Тбилисы «Станцæйы фæзы» алфамбылай цæрæн хæдзары ныккæлды фæдыл хъусынгæнинаг райсгæйæ, зынгхуыссынгæнджытæ æмæ уæлвæткон уавæрты фæдыл куысты пъæлицæйы тыхтæ мобилизацигонд æрцыдысты.
Бынатмæ бахæццæйæ, зынгхуыссынгæнджытæ уайтагъд эвакуаци кодтой æмбæстæгты ныппырхгонд бæстыхайы алфæмблайæ.
Фæзуат быронæй ссыгъдæг кæнынц æмæ активон агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ цæуынц. Бынаты сты тагъд медицинон æххуысы кусджытæ.
Мидхъуыддæгты министрад сиды æмбæстæгтæм, афтæ дæр бынатыл уæвæг алы медийы минæвæрттæм, æххæст кæной мидхъуыддæгты министрады кусджыты амынддзинæдтæ æмæ хъахъхъæной æдасдзинады нормæтæ», -ис фыст МХъМ-йы фидиуæны.