Стамбулы  авиакомпани  «Пегасусы»  хæдтæхæг  æрбадыны рæстæджы  стæхæн хаххæй  ахызт
Стамбулы авиакомпани «Пегасусы» хæдтæхæг æрбадыны рæстæджы стæхæн хаххæй ахызт

Стамбулы  Сабиха  Гокчены  номыл  Ааэропорты   инцидент æрцыд. Уый тыххæй  информацийы  «Сиэнэн Турк»  хъусын кæны.

Авиакомпани «Пегасусы»  хæдтæхæг   æрбадыны рæстæжы  фæндагæй  ахызтис.  Бæлццæттæ  эвакуацигонд  сты.  Медийы  хъусинагæй,   хæдтæхæг æссыгъдис. Бынатыл мобилизацигонд сты  тагъд медицинон æххуысы  æмæ ирвæзынгæнджыты  къордтæ.

Хæдтæхæг Измыр-Стамбулы  рейс  æххæст кодта.

Инциденты тыххæй аэропорт   рейсыты райст  рæстæгмæ  аскуыдта  æмæ  хæдтæхджыты  арвыста   Стамбулы  ног аэропортмæ.