Спорты галуан æрцæудзæн реабилитацигонд
Спорты галуан æрцæудзæн реабилитацигонд

Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты Спорты галуаны реабилитацион куыстытæ. Тбилисы мэр Каха Къаладзе абон сæйраг сахары хицауады рабадтыл куыд расидтис, афтæмæй бæстыхайы æмæ йæ алфæмблайы ныртæккæйы уавæр зæрдæмæдзæугæ нæу.

«Спорты галуан дæсгай азты дæргъы нæ горæтæн у иууыл ахсджиагдæр объект. Уый историон æгъдауæй уыд спортивон, культурон æмæ æхсæнадон мадзæлтты сæйраг аренæтæй иу. Спорты галуаны бæстыхай у муниципалон куыстуаты исбонад, кæцы 2007 азы бадзырдмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд компани “Логик Групп”-мæ йæ разамынд дæттыны бартимæ. Спорты галуаны ныртæккæйы уавæр зæрдæмæдзæугæ нæу, æгæр бирæ къуылымпыдзинæдтæ æмæ хъæндзинæдтæ дзы ис. Уымæ гæсгæ йæ хъæуы рацарæзт-реабилитаци. Фæнысангонд бадзырды уавæртæ нырыккон стандарттæн дзуапп нал дæттынц. Бакуыстам æмбæлон куыстуатимæ æмæ сын бузныг зæгъын се ‘мгуыстады тыххæй. Сразы стæм, цæмæй спорты галуанæн хъæуы реабилитаци æмæ снысангонд куыстытæ хæрз тагъд рæстæджы райдайдзысты», -расидтис Каха Къаладзе.

Куыстытæм та цы хауы, Тбилисы мэры ныхæстæм гæсгæ, æппæт сæйраг фæзуæттæ æрцæудзысты арæзт, кæцы нысан кæны пъолыл æмбæрзæн, бадæнтæ, къултæ, уазджытæ, циркуляцийы фæзуæттæ, дарæс уаттæ, VIP-бахизæн, мебель æмæ æндæр фæзуæтты арæзт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, проекты фæлгæтты ма плангонд цæуы Спорты галуаны алфамбылай рекреацион æмæ гом фæзуæтты историон функци сног кæнын.