Спецоперацийы  рæстæджы цæф Темирлан  Мачаликашвилийы  уавæримæ базонгæ кæнын тыххæй  Тбилисы æнхъæлмæ кæсынц  фæсарæйнаг специалисттæм
Спецоперацийы рæстæджы цæф Темирлан Мачаликашвилийы уавæримæ базонгæ кæнын тыххæй Тбилисы æнхъæлмæ кæсынц фæсарæйнаг специалисттæм

Панкисы комы Дуисы  хъæуы  спецоперацийы рæстæджы цæф  19 аздзыд  Темирлан  Мачаликашвилийы  уавæримæ базонгæ кæнын тыххæй  Тбилисы æнхъæлмæ кæсынц  фæсарæйнаг специалисттæм.

Сыгъдаг Микаел Архангелы  номыл  клиникæйы  дохтырты æмæ  бинонты уæнгты информацийæ,   уырыссаг  æмæ туркаг  специалисттимæ коммуникаци  сырæзт æмæ   гæнæн ис  уырыссаг дохтыр  Гуырдзыстонмæ абон  æхсæв  æртæха.

Бинонты уæнгтæ дзурынц,  цæмæй  кæд  транспортацийы гæнæн уыдзæн,  уæд разы  сты Темирлан Мачаликашвилийы  фæсарæнты  клиникæмæ  арвитын дæр.

Дохтырты фидиунææй,  пациенты  уавæр уæззау  у,  уый  фæстæмæ  коматозон уавæр ис, æмæ иугонд  у улæфæн  аппаратмæ.

Темирлан Мачаликашвили  Панкисы  комы  Дуисы  хъæуы  спецоперацийы рæстæджы  фæцæф ис.

Панкисы  комы  ПÆК  терроризмы финансдзинады, террористон куыстæн  æндæр материалон   æххуысы  æмæ  рексурсытæй  ифтонг кæныны  аххосагæй,   5  уæнгы рацахста.

«Темирлан Мачаликашвили  ахсты рæстæджы бахъавыд   фæбыцæу уыдиат  барадхъахъхъæнджытæм, сæрмагондæй  та  бацархайдта  гранатæ скусын кæнын,  кæцы рæстæджы дæр фыдгæнæгон  архайдæй  баиргъвынæн  æнæмæнхъæугæ  ссис пропорцион  тыхæй  спайда кæнын  æмæ  сырæзт æхст Темирлан Мачаликашвилийы æрдæм,   кæцыйы фæстиуæгæн, фæнысангонд уæнг  фæцæф ис» –   хъусын кæнынц  ПÆК-ы.