Специалисттæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сидынц, активонæй баиу уой фадынæгы ныхмæ вакцинацийы процессмæ
Гуырдзыстоны фадынæгы эпидеми ацы этапыл нæй, фæлæ бæстæйы масштабæй, фадынæгы 136 цау фæбæрæг, цæй тыххæй дæр, специалисттæ цæрджытæм сидынц, вакцинацийы процессмæ активонæй баиу уой.
Фыццан Къаналимæ фадынæгы цауты æмæ вакцинацийы нысаниуæгыл фæныхас кодта низты кантролы æмæ æхæсæнадон æнæнизхъахъæды националон центры иммунопрфилактикæйы уагдоны хистæр Лика Джабидзе.
Джабидзейы хъусинагæй, ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæй Гуырдзыстоны фадынæгы 136 цау сфиксир ис, кæцытæй 101 цау фæбæрæг Аджарийы.
Джабидзе дзуры, цæмæй сеппæтæй фылдæр цау сфиксир ис Батумы, Кобулеты, Хелвачауры, Хулойы, Кеда æмæ Шуахевийы, æрмæст цалдæр цау сфиксир ис Квемо Картлийы, Самегрелойы, Мцхета-Мтианеты, Имереты æмæ Тбилисы (15 цау).
«Мæткæй райсгæйæ эпидемий нырма нæй, фæлæ фадынæг тынг хæцгæ низ у сабиты æхсæн, кæцы хистæр кары тынг уæззау цæуы æмæ йæ превенцийы иунæг фадат у вакцинаци, уымæн æмæ æндæр хихъахъхъæнæн фæрæз нæй. Афæдздзыд кары онг сывæллæттæм фæбæрæг ис 28 цау, æрмæст 30 азæй хистæртæм – 26. Вакцинаци цæуы дыууæ карæнон къорды – 12 мæйы æмæ 5 аздзы кары. Ахæм вакцинæйæ пайда кæнæм, кæцы фадынæгæй уæладй, ноджы дыууæ низæй иргъæвы. Вакцинаци у тынг эффективон, уымæн æмæ фыццаг хатт низы ныхмæ æфтауын раызт куы вæйы, уæд йæ тых у 95 проценты, æрмæст дыккаг дозæйыл та 99 процент»- хъусын кæны Джабидзе.