Сосо Кутателадзейы марындзинад равзарыны фæлгæтты, Къуары  рахиз былыл уагъд цæуынц  фæдæвзарæн мадзæлттæ
Сосо Кутателадзейы марындзинад равзарыны фæлгæтты, Къуары рахиз былыл уагъд цæуынц фæдæвзарæн мадзæлттæ

Къуары  рахиз былыл, Руставмæ хæстæг  барадхъахъхъæнджытæ   фæдæвзарæн  мадзæлттæ  уадзынц.

Фыццаг Каналæн  мидхъуыддæгты министрады  сбæлвырд кодтой информаци, кæцымæ гæсгæ дæр,  фæдæвзарæн мадзæлттæ уагъд цæуынц Сосо Кутателадзейы  марындзинады  равзарыны  фæлгæтты.

Бынатыл мобилизацигонд у  ирвæзынгæнæг   куыст, бынæттон   полицийы  бæрзонд гæстимæ иумæ.

Фыццаг Каналы  журналисты хъусинагæй,  дæлдондзæуджытæ   æмæ ирвæзынгæнджытæ  цæугæдон Къуармæ  науыл бален кодтой  æмæ цæуынц  фæдагурæн  куыстытæ.

Цы агурæг сты  Къуары мидæг, нырма  бæрæг  нæу.

Руставы, Стамбулы  базарæй  цы схонынц, уыцы территорийыл  раздæры депутат, генерал  Сосо Кутателадзейы   мардæй  ссардтой 15 январы.