Сопо Къиладзе -   президент хъуамæ æмбара, цæмæй  уголовон барады нормæтæн  фæстæмæ змæлды тых нæй
Сопо Къиладзе - президент хъуамæ æмбара, цæмæй уголовон барады нормæтæн фæстæмæ змæлды тых нæй

Президент хъуамæ æмбара, цæмæй   уголовон барады   нормæтæ фæстæмæ змæлды тых  нæй  æмæ   нæ бандавдзæн  уыцы  барадон  фактытæм  кæнæ цаутæм,   кæцытæ  æрцыдысты ивгъуыды –  уый фæдыл Фыццаг Къаналæн  фехъусын кодта  адæймаджы барты  хъахъъæды парламентон комитеты  сæрдар  Сопо Киладзе,  а.х. Гиргвлианийы  хъуыддаджы барастыл  президенты  фидиуæныл  комментарийы   рæстæджы.

Депутаты ныхæстæм гæсгæ,   ис  гæнæн,   «Уголовон кодексмæ»  ивдтыты  бахæссын,  цæмæй  Гиргвлианийы хъуыддаджы  бараст  –   баххæсса  фидæны афонмæ дæр.

«Ивгъуыды  сæххæст  фыдракæндтæм гæсг та,   бирæ  адæм æрцыдысты лæвæрд дзуаппмæ, фæлæ   дзы баззад бирæ  ахæм цау,   кæцытæм  гæсгæ реагирдзинад æппын нæ уыд.  Уымæн та ис  йæхи субъективон  æмæ  объективон   аххосæгтæ.  Æрцыд  цалдæр фыдракнд,   æмæ цалдæр та  уыййас  дард  ивгъуыды,  цæмæй фактонæй,   ахæм фæдæвзарæн кæронмæ  бакæнын гæнæн  нал ис» –  райхъусын кодта Киладзе.

Гуырдзыстоны президент  Гиорги Маргвелашвили  абон райхъусын кодта,  цæмæй  сразы ис  Гиргвлианийы хъуыддыджа барастимæ, фæлæ реалон  документ, кæцыйыл дæр  уыдаит гæнæн ныхас кæнын зæгъгæ, ацы афонмæ  нæй.