Сопо Киладзе  ныфсджын у цæмæй азартон хъæзтыты фарстыл политикъон къорды мидæг консессусмæ æрцæудзысты
Сопо Киладзе ныфсджын у цæмæй азартон хъæзтыты фарстыл политикъон къорды мидæг консессусмæ æрцæудзысты

Махæн нæй иллюзитæ уый тыххæй,  цæмæй  ацы кæнæ æндæр бирæ  дæрзæгдæр  проектæй  азартон хъæзтытæ æмæ уыдоныл бастдзинад  нулы онг æркæндзыстæм –  уый фæдыл  адæймаджы барты хъахъхъæды  комитеты  сæрдар Сопо Киладзе  Фыццаг Каналы  алæвæрд   «актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ»-ы   расидтис.

«Бынтон дæр сæ куыф фæтобæ  кæнæм, уæддæр дзы  уыдзæн адæм, кæцытæ  закъоны иувæрсты  хъаздзысты, фæлæ махæн нæ  нысан у, хъазтытæ æнцонвадат ма уой.  Сæрмагондæй та  уыцы  адæймæгтæн  кæцытæ æнæмæнгхъугæ у сæрмагонд аудын кой.  Ахæмтæ сты æнахъомтæ  æмæ  хъазты дæлбар   адæймæгтæ, кæцытæ  сæхи æмæ сæ бинонтæн хæссынц зиан. Махæн нæ нæсан у  сæнымæц минимумы онг æркæнын»-  загъта Киладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæры режим  ацы сферæйы  дерегуляци скодта  æмæ хъæзтыты бизнесæн ратта стыр фадæттæ.  Киладзе  куыд расидтис афтæмæй,  хъазæн  бизнесы  срегулри кæныны æрдæм паддзахад зæгъгæ,  æнæмæнгæй хъуамæ  сараза бæрæг къахдзæфтæ.

«Стыр куысты фæстиуæгæн  сарызтам пакет,  кæцы азартон хъæзтыты  регулиркæнынмæ  æххæссыд.  Ацы пакетæй  финансты министрад бæрæг  фадгуытæ  систа. Ис фарстытæ, кæцытыл бадзурын гæнæн ис, фæлæ максималонæй  разы уыдзынæн  финансты министрады бавдыст проектимæ,  кæцыйы принцип у уый, цæмæ  паддзахады  рдыгæй  къахдзæф  æнæмæнгхъæугæ у.

Паддзахад бæрнон  у,  уый нымæцы, бацæуа  хъуыддагмæ уæд,, адæймаг  йæ  бинонтæн æгæрон зиан куы  хæссы уый тыххæй.  Реалонæй,  мах сафæм адæмы æмæ фиддæнты  уый тыххæй нæ  фидынц  цæмæй  мах нæ мыздтæ исæм.  Ис нм хæсист,  сагъæс кæнæм адæймæгтыл  æмæ æмбæстæгты проблемæимæ ныхæй ныхмæ  иунæгæй  ма  ныууадзæм» – расидтис Киладзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   регуляцитæ зæгъгæ архайынц  зæгъæн ис  алы бæстæйы дæр.