Сомихы Апостолон  Аргъуаны  Сурб  Эчмиадзины  аргъуаны  Куадзæнон   куывд райдыдта
Сомихы Апостолон Аргъуаны Сурб Эчмиадзины аргъуаны Куадзæнон куывд райдыдта

Чырыстон дины  фæдонты хай  бæрæгбон кæнынц Чырыстийы   Райгас. Сегасæй  Стыр  чырстон  бæрæгбоны  нысан кæны Сомихаг  Апостолон аргъуан.

Сомихæгты Апостолон Аргъаны  Гуырдзыстоны епархийы  раздзог  епископ Вазген  Мирзаханян  Сомихы  Апостолон  Рæстдинон   аргъуанæн   Куадзæны бæрæгбон арфæ кæны.

«Æппæт Рæстдинон адæмæн  ракувдзынæн,   Чырыстийы  фæдзæхстытæм гæсгæ цæрой  æмæ  уымæй сфидар кæной  сæ цард æмæ уд.  Афтæдæр арфæ кæнын  гуырдзиаг  адæмæн  «Бзобаы»  бæргбон,   Хуыцауæй  арфæ уæнт.  Гуырдзыстоны цæрæм,  сомихæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ  фæрсæй-фæрстæм,  æфсымæртæм куыд æмбæлы афтæ  æмæ   Хуыцау  зæгъæт,  бæстæйы  кæддæриддæр  сабырад  куыд  уа уый» –  райхъусын кодта Вазген Мирзаханян.

Сомихы Апостолон  Аргъуан  Фырсыгъдæг  Куадзæны  бæрæгбон, ног стилæй,  кæнæ григорианон  къæлиндармæ гæгæ бæрæгбон кæны.