Сомалийы  сæйраг сахар Могадишойы  срæмыгъды фæстиуæгæн  15 адæймаг фæмард
Сомалийы сæйраг сахар Могадишойы срæмыгъды фæстиуæгæн 15 адæймаг фæмард

Сомалийы  сæйраг сахар Могадишойы  стынды  фæстиуæгæн  фæмард 15 æмæ  фæцæф сты  20-ы онг адæймаг.

Ахæлиугонд хъусинагæй,   бырст, Сомалийы  центры  уæвæг  иуæй-иу ресторанмæ хæстæг  æрцыд.   Бырстыл  бæрн йæхимæ райста  террористон  къорд  «Ал-Шабааб».

Срæмыгъды  фæстиуæгæн, дыууæ   ресторан æмæ сæ алфæмбылай  лæууæг автомобильтæ  базиан сты.