Софо Горгодзе  аргълæвæрды æмæ национ фæлварæнты центры директоры  пост уадзы
Софо Горгодзе аргълæвæрды æмæ национ фæлварæнты центры директоры пост уадзы

Аргълæвæрды æмæ национ фæлварæнты  центры  директор Софо  Горгодзе  йæ куыстæй  йæхи уæгъд  кæны.

Гуырдзытсоны Фыццаг Каналæн  ахуырады министрады куыд фехъусын кодтой афтæмæй,  Софо Горгодзе  йæ  куыстæй  хи суæгъд кæныны фæдыл   куырдиат  цалдæр бон  размæ ныффыста, йæ   куыст та  январæй  ныууадздзæн.

Аргълæвæрды  национ  фæлварæнты центры  диреторæй Софо Горгодзе  2018 азы снысан ис.