Сочæй  ацыд  Владимир Путины æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны фембæлд
Сочæй ацыд Владимир Путины æмæ Реджеб Тайип Эрдогъаны фембæлд

Сочæйы, Уæрæсейы  президенты резиденцийы  Владимир Путины æмæ  Реджеб Тайип Эрдогъаны  фембæлд ацыд.   Уырыссаг  медийы  информацийæ,  бадзырдтæ,  тынг къуындæг  зылды  ацыдысты.

Фембæлды размæ   Владимир Путин банысан кодта,   цæмæй регионы  уавæр тынг  æндыгъд у,  цæй тыххæй  дæр   Турк-Сирийы  дыууæфарсон  фембæлд иттæг хъæугæ  у.

Уæдмæ  Кремлы пресс-нымæрдар  Дмитрий Песков  куыд райхъусын кодта, афтæмæй,   Уæрæсейы  фæнды  информаци райсын  Турчы плæнтты фæдыл Сирийы.  Песков  бадзырдты схуыдта  вазыгджынæй.

«Тынг бирæ  темæ ис, бадзырдтæ  тынг зын уыдзысты æмæ уый у бæрæг» – райхъусын кодта Песков.

Йæхи æрдгæй  знон Турчы  лидер куыд загъта уымæ гæсгæйæ,  Владимир Путинимæ зæгъгæ  фембæлды фæстæ Сирийы  цæгат-скæсæн хайы,  «æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтæ сараздзæн».

Сирийы Турчы  æфсæддон операцийы  æмгъуыд абон  изæр,  Тбилисы  рæстæгæй, 23:00  сахатыл фæуд кæны.  АИШ-ы   æхсæныбацыдæй  цы бадзырд  сырæзт уымæ гæсгæйæ,   арæнгæрон районты  уæвæг  сирийаг курдæгтæ, 30 километрон  зонæ хъуамæ ныууагъдтаиккой 12 сахаты мидæг.

Турчы хицауад хъусын кæны, цæмæй   кæд зæгъгæ  курдæгты  гарзджын  иугæндтæ фæнысангонд  территори нæ ныууадздзысты, Анкъара операци сног кæндзæн.