Смитты марындзинады зылынмæ лæвæрд Малхаз Къобаурийæн, тæрхондон, нæмгъуыд ахст стæрхон кодта
Смитты марындзинады зылынмæ лæвæрд Малхаз Къобаурийæн, тæрхондон, нæмгъуыд ахст стæрхон кодта

Гуры районон  тæрхондон Хадайы комы  Смитты  бинонты æртæ уæнгы  марындзинады  зылынмæ лæвæрд   Малхаз Къобаурийæн  стæрхон кодта  ахст.  Уый фæдыл  хъусын кæны Фыццаг Къаналы  журналист.

Малхаз Къобаурийæн  æфхæрды   ас  тæрхонгæнæг   цъус рæстæг размæ райхъусын кодта.

Малхаз Къобаурийæн  æнæмгъуыд  сæрибардзинад сæмбонд  кæнын фæдыл  тæрхоныскуыдимæ разы уыд    зылынгæнæг фарс.  Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæйы   фидиуæнæй, зæгъгæ уый тыххæй  цæмæй  сæххæст æгæр уæззау  фыдракæнд,   мард сты æртæ адæймаг,  сæ нымæцы цыппар  аздзыд с ывæллон,  зылынгæнæг  фарс  нысанæмрастыл  нымайы, цæмæй  иунæг рæстаг  æфхæрд  уыдзæн   æнусон  ахстæй  æфхæрд.

Малхаз Къобаурийы  адвокат, Александре  Къобаидзе   хъусын кæны, цæмæй сæ нæ фæндыд зæгъгæ  æфхæрды фæдыл  тæрхон кодтаит Гуры   тæрхондон.  Се æркуырд уыд, æфхæрдыл  стæрхон кодиккой  ардхæрд  тæрхонгæнджытæ,  кæцы æркуырдимæ  тæрхондон не сразы ис.

25 марты  ардхæрд  тæрхонгæнджытæ, Смитты бинонты  марындзинады  зылынмæ лæвæрд   Малхаз Къобаурийæн,  зылынгæнæг  тæрхоныскуыд рахастой. Малхаз  Къобаурийы  ардхæрд тæрхонгæнджытæ  аххосджыныл банымадтой  алы  бавдыст  аххосагæй, сæрмагондæй та,  тыхæй  ныххæцыны,  сæрмагонд дурзæрдæйæ барæй  марындзинады,  дыууæ кæнæ  фылдæр уæнгы  марындзинады,   барæй  марындзинады, æндæр фыдракæнды фæд бамбæрзыны нысанæй.