Скъолаты улæфæн бонтæ 18-æм январы онг адаргъ сты
Скъолаты улæфæн бонтæ 18-æм январы онг адаргъ сты

 

 

Скъолаты улæфæн бонтæ 18-æм январы онг адаргъ сты

Скъолаты ахуырдзауты, педагогты æнæниздзинад æмæ æдасдзинадæй рацæугæйæ, Гуырдзыстоны рухсады министрад, æнæниздзинады хъахъхъæды министрадимæ консультациты фæстиуæг райста æскъуыддзаг, улæфты бонты адаргъы фæдыл- уый фæдыл рухсады министрады расидæны ис фыст.

«Æнæкæсгæ уымæ æмæ гриппы вирусæй рынчынгонты нымæц эпидемимæ не æххæссы, министрады райста æскъуыдзаг, грипы вирусы апарахаты превенцийы нысанæй  ахуырадон процесс райдайа 18-æм январы. Ацы периоды рæстæджы нæ цæст дардзыстæм уавæрмæ æмæ æнæниздзинады хъахъхъæды министрады рекомендацитæм æмæ æхсæнадæн базонгæ кæндзыстæм дарддæр цы æскъуыддзаг уыдзæн ист.