Ски-Кроссы фæуæлахиз ис канадайаг  Брейди Леман
Ски-Кроссы фæуæлахиз ис канадайаг Брейди Леман

Пхенчханы, зымæджы 2018  азы  Олимпиадæйыл, нæлгоймæгты æхсæн   ски-кроссы финалон   этап  тынг цымидисон разынд.

Финалон   цыппары æхсæн, дыууæ канадайаг – Бреди  Леман  æмæ Кевин   Друрримæ иумæ,    олимпион атлдеттæ  уæрæсейæ  Сергей  Ридзик   æмæ швецариаг    Марк Бишофбергер  уыдысты.

Сыгъзæрин   æмæ æвзист   майданты хицæуттæ  фæбæрæг сты   райдиан   этапыл,  уымæн æмæ Кевин Друрр æмæ Сергей Ридзик  кæрæдзийыл сæмбæлдысты  æмæ ерысæй  афæстиат сты.

Бреди Леманы æмæ Марк Бишофбергеры   ерыс  канадайаг   спортсмен   комфортон уæлидзинадæй рамбылдта  æмæ сыгъзæрин майдан райста.

Бронзæ  майданы райста  Ридзик.

Олимпиадæйы репортажты  фенын уæ бон у   ам  Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)