Сирийы уырыссаг уæзласæг хæдтæхæджы катастрофæйыл бæрн йæхимæ раста террористон къорд «Джейш-аль-Ислам»
Сирийы уырыссаг уæзласæг хæдтæхæджы катастрофæйыл бæрн йæхимæ раста террористон къорд «Джейш-аль-Ислам».
Радикалон организацийы уæнгтæ дзурынц, цæмæй хæдтæхæг бынмæ тæхын куы райдыдта æмæ зæххæй 100 метры бæрзæндыл тахтис, уæд йыл æхст бакодтой нæмыгзгъалæгæй.
«Джейш аль-Ислам» хæдтæхæджы æрыппарыны сбаста скæсн Гъутайы Уæрæсейы æфсæддон операциимæ.
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады информацийæ, авиакатастрофæйы аххос уыд, техникон проблемæтæ.
АН-26 типы хæдтæхæг, Сирийы 6 марты, «Хмеймы» уырыссаг авиабазæмæ хæстæг æрхауд.